Батумы Рекспубликон рынчындоны коронавирусæй рынчын 67 аздзыд нæлгоймаг амард
Батумы Рекспубликон рынчындоны ковид-центры иу пациент амард. Факты бæлвырд кæнынц Ачъарайы æнæнизхъахъхъæды министрады. 67 аздзыд нæлгоймаг критиконæй уæззау уавæры уыд улæфæн аппаратыл иугонд.
Ныр фæмардуæвæг пациентæн инсульты диагнозимæ рефералон рынчындоны хос кодтой, цалдæр боны размæ йын сбæлвырд ис коронавирус дæр, цæй фæстæ дæр æй фæхæццæ кодтой Батумы республикон рынчындонмæ.
Гуырдзыстоны абон амард коронвирусæй рынчын 80 азы онг кары сылгоймаг дæр, кæцы афтæдæр уыд Батумæй.