Бæрзонд температурæты фоныл Гуырдзыстоны 11-æм августы онг æнхъæлмæкæсинаг у къæвда арвнæрдимæ, тыхджын ныгуылæйнаг дымгæ, æмæ ихуард
Бæрзонд температурæты фоныл Гуырдзыстоны 11-æм августы онг æнхъæлмæкæсинаг у къæвда арвнæрдимæ, тыхджын ныгуылæйнаг дымгæ, æмæ ихуард

Алфæмблайы националон агентады информацийæ, 8-æм августы фæсæмбисбонæй 11-æм августы онг, бæрзонд температурæты фоныл, Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг у къæвда арвнæрдимæ, иуæй-иу рæтты – тыхджын, тыхджын ныгуылæйнаг дымгæ, гæнæн ис æмæ уара их.

Синоптикты информацийæ, денджызы æнхъæлмæкæсинаг сты зæйтæ 3-4 баллы бæрц.

«Æнхъæлмæкæсинаг къæвдатæ гæнæн ис æмæ расайой æнæнхъæлæджы донивылдтæ Гуырдзыстоны чысыл цæугæдæттыл, афтæ дæр хохаг æмæ хæххон бынæтты сыджытлæсæнты  райдайæн æмæ активаци.Тæссагдзинады æмвæзад астæуккаг у» -ис фыст алфæмблайы националон агентады фидиуæны.