Гуырдзыстоны фылдæр рæтты 15-16 майы æнхъæлмæкæсинаг у рæстæгæй-рæстæгмæ къæвдатæ, ихуард, тыхджын дымгæ æмæ денджызы тыхдымгæтæ
Гуырдзыстоны фылдæр рæтты 15-16 майы æнхъæлмæкæсинаг у рæстæгæй-рæстæгмæ къæвдатæ, ихуард, тыхджын дымгæ æмæ денджызы тыхдымгæтæ

Гуырдзыстоны алфæмблайы националон агентад æхсæнады фæдзæхсы æввахс бонты æнхъæлмæкæсинаг боныхъæды тыххæй.

Синоптикты информацийæ, 15-16 майы Гуырдзыстоны фылдæр хайы æнхъæлмæкæсинаг у рæстæгæй-рæстæгмæ къæвдатæ, ранæй-рæтты уæззау. Гæнæн ис æрцæуа ихуард, тыхджын ныгуылæйнаг дымгæ æмæ денджызы 3-4 баллы шторм.

«Æнхъæлмæкæсинаг къæвда гæнæн ис æмæ æркæна цæугæдæтты доны æмвæзады нысаниуæгджын рæзтмæ, чысыл цæугæдæтты донивылдтытæм, æмæ æвзæрын кæна сыджыт-лæсæнты æмæ лæбырдты сæвзæрд æмæ активацимæ  хохаг æмæ хæххон бынæтты (тæссагдзинады æмвæзад: астæуккаг)», — дзырдæуы Националон алфæмблайы агентады.