Гуырдзыстоны 25-27 апрелы ногæй къæвдаджын æмæ дымгæджын боныгъæд у æнхъæлмæкæсинаг
Гуырдзыстоны 25-27 апрелы ногæй къæвдаджын æмæ дымгæджын боныгъæд у æнхъæлмæкæсинаг

Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг боныхъæды фæдыл информаци Гуырдзыстоны алфæмблайы националон агентад парахат кæны.

Синоптикты информацийæ, Гуырдзыстоны хицæн регионты 25-26 апрелы лæмæгъ къæвдатæ фæуыдзæн, къæвда æмæ дымгæджын боныгъæд та 27-æм апрелы ногæй æнхъæлмæкæсинаг у.

«Тбилисы: 25-26 апрелы фылдæр хус боныхъæд уыдзæн, 27-æм апрелы та æнхъæлмæкæсинаг у цыбыр æмгъуыдмæ къæвда æмæ тыхджын дымгæ. Боныгон уæлдæфы температурæ +18, +20 градус уыдзæн.

Денджызы былгæрон регионты (Батум, Кобулеты, Анаклиайы, Поты): 25-26 апрелы фылдæр хус боныгъæд уыдзæн, 27 апрелы та ногæй къæвда æмæ дымгæ уыдзæн. Уæлдæфы температурæ боныгон уыдзæн +18, +20 градусы.

Къахеты (Сагареджо, Телавы, Гурджааны, Сигънагъ, Лагодехы, Хъварели, Ахмета, Дедоплисцъхъаро): 25-26 апрелы уыдзæн фылдæр хус боныгъæд, 27 апрелы та ногæй къæвда æмæ дымгæ уыдзæн. Уæлдæфы температурæ боныгон уыдзæн +18, +20 градусы.

Скæсæн Гуырдзыстоны уæлхох районты (Ахалкалаки, Цъалка, Бакуриани, Гудаури, Омало): 25-26 апрелы фылдæр хус боныхъæд уыдзæн, 27 апрелы та ногæй къæвда æмæ дымгæ уыдзæн. Уæлдæфы температурæ боны дæргъы уыдзæн +7, +9 градус», -ис фыст информацийы.