Алфæмблайы националон агентады информацийæ, лыстæг къæвда Гуырдзыстоны 1-æм майы онг фæхæцдзæн, иуæй-иу регионты уæлдæфы температурæ +21 градус уыдзæн.
Алфæмблайы националон агентад 28-30 апрелы Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг боныхъæды фæдыл информаци парахат кæны.
Уагдоны информацийæ, Гуырдзыстоны фыццаг майы онг уазал боныгъæд лыстæг къæвдатимæ уыдзæн.
«28-æм апрелы Тбилисы фылдæр сыгъдæг æмæ дымгæ уыдзæн, 29-30-æм апрелы та гæнæн ис æмæ фæбæрæг уа лыстæг къæвда æмæ мит, боны дæргъы уæлдæфы температурæ уыдзæн +17, +19 градус.
Денджызы былгæрон регионты (Батум, Кобулеты, Анаклиайы, Поты) гæнæн ис æмæ лыстæг къæвда фæбæрæг уа. Уæлдæфы температурæ боныгон уыдзæн +16, +18 градусы.
Къахеты (Сагареджо, Телави, Гурджаани, Сигънагъи, Лагодехи, Хъварели, Ахмета, Дедоплисцъхъаро) иуæй-иу рæтты гæнæн ис æмæ уа лыстæг къæвда. Уæлдæфы температурæ боныгон уыдзæн +16, +18 градусы.
Скæсæн Гуырдзыстоны уæлхох районты (Ахалкалаки, Цъалка, Бакуриани, Гудаури, Омало) кæцыдæр рæтты гæнæн ис æмæ фæбæрæг уа лыстæг къæвда. Уæлдæфы температурæ боны дæргъы уыдзæн +10, +12 градус», -сидынц алфæмблайы националон агентады.