Синоптикты информацийæ, 18-æм апрелы Гуырдзыстоны уыдзæн хъарм æмæ хус боныгъæд, фæлæ 19-20-æм апрелы боныгъæд фæфыддæр уыдзæн, æнхъæлмæкæсинаг у къæвдатæ, уæлдæфы температурæ дæр фæкъаддæр уыдзæн
Синоптикты информацийæ, 18-æм апрелы Гуырдзыстоны уыдзæн хъарм æмæ хус боныгъæд, фæлæ 19-20-æм апрелы боныгъæд фæфыддæр уыдзæн, æнхъæлмæкæсинаг у къæвдатæ, уæлдæфы температурæ дæр фæкъаддæр уыдзæн

Алфæмблайы националон агентад 18-20 апрелы Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг боныхъæды фæдыл информаци парахат кæны.

Синоптикты информацийæ, 18-æм апрелы Гуырдзыстоны абаргæйæ хъарм æмæ фылдæр хус боныгъæд уыдзæн, 19-20-æм апрелы та ногæй æнхъæлмæкæсинаг у къæвда æмæ дымгæджын боныгъæд, уæлдæфы температурæ дæр фæкъаддæр уыдзæн.

«Тбилисы 18-æм апрелы фылдæр хус боныгъæд уыдзæн, 19-20-æм апрелы та ногæй æнхъæлмæкæсинаг у къæвда æмæ дымгæ. Боныгон уæлдæфы температурæ +15, +17 градус уыдзæн.

Денджызыбыл регионты (Батум, Кобулеты, Анаклиfйы, Поты): 18-æм апрелы фылдæр хус боныгъæд уыдзæн, 19-20-æм апрелы та ногæй къæвда æмæ дымгæ уыдзæн. Уæлдæфы температурæ 18-æм апрелы боны дæргъы уыдзæн +20, +22 градусы, 19-20-æм апрелы та æрхаудзæн +12, +14 градусы онг.

Къахеты (Сагарехо, Телави, Гурджаани, Сигънагъи, Лагодехи, Хъварели, Ахмета, Дедоплисцъхъаро): 18-æм апрелы уыдзæн фылдæр хус боныгъæд, 19-20 апрелы та ногæй къæвда æмæ дымгæ уыдзæн. Уæлдæфы температурæ 16-æм апрелы фиксиргонд æрцæудзæн, боны мидæг +18 градус.

Скæсæн Гуырдзыстоны хæххон районты (Ахалкалаки, Цъалка, Бакуриани, Гудаури, Омало): 18-æм апрелы фылдæр хус боныгъæд уыдзæн, 19-20 апрелы та ногæй къæвда æмæ дымгæ уыдзæн. Уæлдæфы температурæ боны мидæг уыдзæн +7, +9 градус», -ис фыст алфæмблайы националон агентады фидиуæны.