Азербайджан Сомихыстоны зылынджын кæны арæнгæрон районы гарзджын тыхты позицитыл æхст баконды, Ереваны аххосæгтыл нæ сæттынц
Азербайджан Сомихыстоны зылынджын кæны арæнгæрон районы гарзджын тыхты позицитыл æхст баконды, Ереваны аххосæгтыл нæ сæттынц

 

Азербайджаны  хъахъхъæнынады министрады фидиуæнæй,  паддзахадон  арæнгæрон  Басаргечары районæй,  Сомихыстоны гарзджын тыхтæ  ставд калибрæй, æхст бакодтой  Калбаджары  районы  уæвæг  Азербайджаны  гарзджын тыхты позициты рдæм.  Хъахъъхæнынады уагдоны хъусинагæй, Азербайджайнаг фарс  æмбæлгæ  мадзæлттæ райста. Сæ информацийæ,  инциденты фæстиуæгæн  Азербайджаны   персоналы æхсæн сæфт нæй.

Ереваны хъусын кæнынц, цæмæ бакуйы  ахæлиугонд информаци, Сомихыстоны гарзджын тыхты æрдгæй Азербайджаны позициты æрдæм æхст баконды фæдыл, раст нæу æмæ у дезинформаци.  Хъахъхъæнынады  уагдоны  информацийæ, Сомихыстон-Азербайджаны  арæныл  уавæр  абаргæйæ  стабилон у  æмæ Сомихыстоны гарзджын тыхты æрдгæй  контролгонд цæуы.