Ираклий Къобахидзе – Электроэнергетикæйы секторы, Азербайджанимæ импорт æмæ транзиты фæдыл бадзырд бафыст æрцыд, афтæ дæр Баку-Тбилис-Супсайы хæтæлвæды фæдыл бадзырд
“Тынг нысаниуæгджын бадзырд бафыстæуыд электроэнергийы секторы, куыд импорты, афтæ дæр электроэнергийы транзиты æрдгæй. Нысаниуæгджын бадзырд арæзт æрцыд Баку-Тбилис-Супса хæтæлы фæдыл дæр”, – загъта Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе Гуырдзыстоны журналисттæн Бакуйы.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, ацы нысаниуæгджын бадзырды руаджы хæтæлы эффективон эксплуатаци азербайджайнаг фарсимæ иумæ сифтонг уыдзæн.
«Тынг нысаниуæгджын бадзырд бафыст æрцыд электроэнергетикæйы секторы, куыд импорты, афтæ дæр транзиты æрдгæй. Баку-Тбилис-Супсайы хæтæлы фæдыл дæр нысаниуæгджын бадзырд бафыстой. Ацы хæтæл фæстаг æртæ азы мидæг эффективонæй æхгæд у æмæ нæ кусы, бæстæйы потенциалон æфтиагæй цух кæнгæйæ.
Ног бадзырдыл бындурæвæрдæй, мах азербайджайнаг фарсимæ иумæ сифтонг кæндзыстæм ацы хæтæлы сног кæнын. Кæй зæгъын æй хъæуы, хæтæл у æмæ баззайдзæн Гуырдзыстоны исбонад, фæлæ азербайджайнаг фарсимæ æмгуыстадæй сифтонг уыдзæн йæ æмбæлон эксплуатаци, цæй руаджы бæстæ æрвылаз дæр райсдзæн дæсгай милуан сомы æфтиæгтæ.
« «Ацы æртæ азы мидæг, æфтиæгтæ уыдысты нолы, хæтæл æрæхгæдтой æмæ ацы ног æмæ иттæг нысаниуæгджын бадзырды фæрцы, хæтæлы эффективон эксплуатаци азербайджайнаг фарсимæ иумæ сифтонг уыдзæн», – банысан кодта Ираклий Къобахидзе.