Амиран Гамхърелидзе -  Ма  цæуæм  аргъуантæм, Хуыцау нын ныббардзæн уый, уымæн æмæ  фылдæр адæймаг аирвæрздзæн
Амиран Гамхърелидзе - Ма цæуæм аргъуантæм, Хуыцау нын ныббардзæн уый, уымæн æмæ фылдæр адæймаг аирвæрздзæн

Ма  цæуæм  аргъуантæм,  Хуыцау  нын ныббардзæн, уымæн  æмæ  фылдæр адæймаг  аирвæрздзæн,  бауырнæнт уæ – – Куадзæн агъоммæ  ахæм ныхæстæй  æрсидтис  Низты  контролы  националон центры  къухдариуæггæнæг Амиран Гамхърелидзе  адæммæ.

«Тынг уæззау  сидт  саразын хъавын,  зын мын   у æхсæнадæн ацы  ныхæстæ  зæгъын, цæмæй  ма  цæут  аргъуантæм  аы   бонты,   хæдзары  уæвгæйæ   кувæм Хуыцаумæ.

Ацы  Куадзæн   бæстæйы  сбæрæгбон кæнæм æндæр форматæй. Нæ аргъуанархайджытæ  кувдзысты æмæ   нæ  бæстæйы  æмæ  Хуыцауы  раз уыдызстæм цæсгомджын, уымæн æмæ къаддæр зианæй  фервæздзыстæм аы  низæй.

Зын мын кæны  уый   зæгъын, фæлæ  уæ  курæг дæн,   фыццаг  хатт  дзурын ахæм цыдæр – Мæ  ацæут аргъуантæм, æмбырдтæ  ма кæнут, Хуыцау  нын уый   ныббардзæн  уымæн æмæ, Гуырдзыстоны  фылдæр æмбæстаг  аирвæрздзæн ацы  низæй, бауырнæнт уæ!» загъта   Амиран Гамхърелидзе  «Рустави-2»-йы   эфиры.