Амиран Гамхърелидзе – Коронавирусы тыххæй, Китайимæ абаргæйæ тæссагдæр, гæнæн ис, Иран уа
Низты контролы националон центры къухдариуæггæнæджы Амиран Гамхърелидзейы куырдиатæй, коронавирусмæ гæсгæ, Китайимæ абаргæйæ, гæнæн ис, фылдæр тæссаг уа Иран.
«Китайимæ абаргæйæ махæн гæнæн ис тæссагдæр уа нæ сыхаг бæстæ, тынг хæстæг у махмæ, Тегеранæй сахат æмæ æрдæджы тæхын хъæуы Гуырдзыстоны онг», – райхъусын кодта Амиран Гамхърелидзе.
Афтæдæр, йæ ныхæстæм гæсгæ, Китаймæ балцы истори кæцы бæлццæттæн ис уыдонæн цæуы термоскриниг, эпидемиологийы консультацитæ æмæ сæм лæвæрд цыд хæдизоляцийы рекомендаци, ныр уый æппæт æххæссы Ираны фæстаг дыууæ къуырийы дæргъы чи уыд уыцы адæймæгтæм.
«Афтæдæр цæуы уынаффæ ахæм мадзæлттæ ауазыны фæдыл æндæр бæстæтæй æрцæугæ бæлццæттæн. Сæ нымæцы тæрхон кæнæм Италиимæ комкоммæ тахтытæ фæуромыны фарстайыл. Скуыддзаг æнхъæлцау ист æрцæудзæн æввахс фидæны», – загъта Амиран Гамхърелидзе.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстоны гæнæн 24 цау уыд, кæцыты госпитализаци æрцыд инфекцион рынчындоны, фæлæ сæ иумæ дæр ног коронавирус нæ фæбæрæг ис.
«Гуырдзыстон нырма ис а.х. цъæх зонæйы, цы ран вирусы ахæлиуы тас минималон у», – бафтыдта ма Гамхърелидзе.