Амиран Гамхърелидзе - Хорз у, цас фылдæр чындзæхсæвтæ уыдзæн бæстæйы, цас фылдæр сывæллон райгуырдзæн, уымæй хуыздæр ницы ис, фæлæ рæстæгмæ нæхи хъуамæ бауромæм егъаумасштабон æмбырдтæй
Хорз у, цас фылдæр чындзæхсæвтæ уыдзæн бæстæйы, цас фылдæр сывæллон райгуырдзæн, уымæй хуыздæр ницы ис,ф æлæ рæстæгмæ ахæм уаæрты цæрæм, æмæ нæхи хъуамæ бауромæм стыр æмбырдтæй, уымæн æмæ уый у инфекцийы дарддæр ахæлиуы иуæй-иу сæйраг аххос – уый фæдыл низты контролы националон центры къухдариуæггæнæг Амиран Гамхърелидзе загъта журналисттæн.
Амиран Гамхърелидзе куыд банысан кодта афтæмæй, Гуриайы коронавирусы цаутæ гæнæн ис стыр чындзæхсæвыимæ сты баст.
« Гуриайы знон уыд инфекцийы æртæ цау, абон ма сæм ноджы бафтыд иу æмæ цæуы уæрæх иртасæн. Басгæрст райдыдтам Чохатаурийы муниципалитеты Квемобаны хъæуы. Афтæдæр Озургеты Районы, ацы цаутæ баст сты чындзæхсæвыимæ. Цалдæр хатт æрсидтыстæм æмбæстæгтæм, цæмæй пандемийы уавæрты цæрæм æмæ Гуырдзыстоны закъонæй фæдзæхст у 100-йæ фылдæр лæгон æмбырдтæ аразын. Нæй гæнæн афтæ æмбырд кæнын. Дзæбæх у бæстæйы цас фылдæр чындзæхсæвтæ уыдзæн бæстæйы, цас фылдæр сывæллон райгуырдзæн, уымæй хуыздæр ницы ис,ф æлæ рæстæгмæ ахæм уаæрты цæрæм, æмæ нæхи хъуамæ бауромæм стыр æмбырдтæй, уымæн æмæ уый у инфекцийы дарддæр ахæлиуы иуæй-иу сæйраг аххос» – загъта Гамхърелидзе.