Амиран Гамхърелидзе – Ис стыр æвæццæгæнад уыйы, цæмæй нæмæнгхъæугæ уыдзæн коронавирусы ныхмæ вакцинæйы æртыккаг дозæ саразын дæр
Гæнæн ис, бахъæуа коронавирусы ныхмæ вакцинæйы æртыккаг дозæ саразын дæр – уый фæдыл низты контролы националон центры къухдариуæггæнæг Амиран Гамхърелидзе райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ дунейы вакцинæйы æртыккаг дозæйыл иртасæн цæуы æмæ специалисттæ йæ æнæмæнгхъæуындзинадыл ныхас кæнынц.
Гамхърелидзе куыд банысан кодта афтæмæй, ртыккаг дозæйæ вакцинаци бахъæудзæн дыккаг дозæ саразынæй 6-8 мæйы фæстæ.
« Бирæ иртасæн цæуы бустер дозæты фæдыл. Ис стыр æвæццæгæнад, цæмæй æртыккаг бустер дозæ саразын дæр базхъæуа. Абон дыууæхаттонæй æфтыд уæнгтæмæ цæстдард цæуы, цæмæй цас рæстæджы дæргъы сæм лæууы фумерон кæнæ чырæгон иммунитет æмæ ацы цæстдарды параллелонæй фылдæры хай уæддæр хъуыды кæнынц, цæмæй вакцинæты фылдæр хайы æртыккаг дозæ дæр бахъæудзæн. Æвæццæгæн мах дæр бахъæудзæн æртыккаг дозæ, цæмæй нын тыхджындæр иммунитет уа бæстæйы.
Гæнæн ис æртыккаг дозæ саразын, дыккаг дозæйæ вакцинацийæ æхсæз кæнæ аст мæйы фæстæ бахъæуа. Æхсæнадæмон вакцина-уадзджыты плантæ дæр уый амонæг сты, цæмæй æртыккаг дозæ бахъæудзæн. Вакцинæтæ рауадзын план кæнынц дыууæхаттон вакцинацийæ глобалонæй цы бæрц хъæуы уымæй бирæ фылдæр.
Æхсæнадæмон организацитæ хъуыды кæнынц, цæмæй афтæ æнцонæй ковид нæ фæтар уыдзæн æмæ нæ æрвылазонæй бахъæудзæн вакцинаци, уæдмæ цалынмæ æрдзæй организмы вирулентондзинад нæ фæкъаддæр уыдзæн фтæ, цæмæй æхсæнадон æнæнизхъахъхъæдæн тæссаг мауал уа», – райхъусын кодта Амиран Гамхърелидзе.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, æмбæстæгтæн сæ бон у æртыккаг хаттыл хъауджы вакцинæ саразын.