Амиран Гамхърелидзе – Æрвылбойнонæй 9-15 ног цау, паникæйы бындур не сты, фæлæ арæхсгай хъуамæ уæм
Низты контролы националон центры къухдариуæггæнæгы Амиран Гамхърелидзейы куырдиатæй, коронавирусы цауты уыцы нымæц, кæцы фæстаг периоды фиксир кæны Гуырдзыстоны, æнæнхъæлæджы нæ уыд.
Гамхърелидзейы дзырдæй, зæгъгæ, уыцы фоныл ома бæстæйы экономикæ гом кæны æмæ мобилондзинад дæр рæзы, цауты нымæц фæфылдæр диссаг нæу.
Амиран Гамхърелидзе дзуры, цæмæй ацы этапыл паникæйы бындур нæй, фæлæ нысаниуæгджын у, æмбæстæгтæ арæхсгай уой.
«Фæстаг 4-5 боны дæргы цы цæуы, 9,11,13,14,15 цау нын æрвылбойнонæй куы фиксир кæны, уый æнæнхъæлæджы нæу. Ахæм прогноз саразæн уыдис уымæн æмæ экономикæ фегом ис, мобилондзинад рæзы æмæ афтæ хъуамæ уыдаит. Фæлæ паникæйæн ницы бындур ис, нæдæр катай кæнынæн у æфсон, фæлæ арæхсгай хъуамæ уæм алчидæр. Уый æппæт контрол кæнын гæнæн ис æмæ мæ фæнды хаххгондæй уын зæгъон, цæмæй эпидемиологион уавæр бæстæйы, контролы дæлбар у æмæ ахæм типы цыдæй нын ницы проблемæ уыдзæн. Æнæнизхъахъхъæды системæ фæрынчынуæвджыты нымæцæн фæразон у»,- райхъусын кодта Гамхърелидзе.
Афтæма банысан кæнын хъæуы уый, цæмæй Амиран Гамхърелидзейы информацийæ, фæбæрæг ис а.х. рог цауты нымæцы фæфылдæры тенденци.
«Фæфиппайдтам иу ахæм тенденци, ома абон кæнæ сом публикацигонд æрцæудзæн нæ дыккаг афæлгæст æмæ фендзыстут, цæмæй абьаргæйæ фæфылдæр сты а.х. рог цауты нымæц, астæуккаг æмæ уæззау цаутимæ абаргæйæ, æмæ ацы ног бæлвырд цаутæ дæр, мæ бон у зæгъын, клиниконæй бирæ æнцонтæй дæр цæуынц», – райхъусын кодта Амиран Гамхърелидзе.