Амиран Гамхърелидзе æрсидтис политиктæм, æвзæрстгæнджытимæ фембæлдтыл, социалон дистанци хъахъъæнынмæ – Фæтых уæм эмоцитыл, ницæмæн хъæуы кæрæдзийæн хъæбыстæ кæнын
Фæтых уæм нæ эмоцитыл, кæрæдзиæн хъæбыстæ кæнын ницæмæн хъæуы, – уый фæдыл Низты контролы националон центры къухдариуæггæнæг Амиран Гамхърелидзе райхъусын кодта æмæ паолитикты разæвзарæнон периоды æвзæрстгæнджытимæ фембæлдыл социалон дистанци хъахъхъæнынмæ æрсидтис.
Амиран Гамхърелидзе фидиуæн сарызта Батумы уагъд брифингыл, цы ран йæн бафарстой – «цас раст у разæвазæранон фембæлдтыл депутаттæм кандидатты, политикты æрдгæй, æвзæрстгæнджытимæ хæстæг контакт æмæ хъæбыстæ кæнын».
«Ницæмæн хъæуы ацы периоды æмæ æнæуый дæр, хъæбыстæ кæныны ахуыр ныуадзын хъæуы. Хъуыды йæ кæндзыстут, уалдзæджы нæ сидтытæ, кæрæдзийæн нæ пъа кодтам æмæ хъæбыстæ дæр нæ кодтам. Абон дæр нæхи хъуамæ уромæм. Æмбарын, ис дзы бæрæг эмоцион фактор, фæлæ цæй ма эмоцитыл фæтых уæм. Ницæмæн хъæуы кæрæдзийæн хъæбыстæ кæнын», – райхъусын кодта Амиран Гамхърелидзе.