Шарль Мишел  уырыссаг æфсæддæттæм æрсидтис,  хæсты быдыр ныууадзынмæ æмæ  райхъусын кодта цæмæй ахæм æфсæддаттæн иуæй-иу европаг бæстæтæ  хиæмбæхсæн дæр æнхъарынц
Шарль Мишел уырыссаг æфсæддæттæм æрсидтис, хæсты быдыр ныууадзынмæ æмæ райхъусын кодта цæмæй ахæм æфсæддаттæн иуæй-иу европаг бæстæтæ хиæмбæхсæн дæр æнхъарынц

Карздæр кæнæм санкцитæ, цæмæй максималон æлхъывд уа  Кремлыл, хъуамæ  сыхгæнæм алы  хуынкъ æмæ нысанмæ сисæм  санкциты иувæрсты ацыды  кæцыфæнды архайд –  уый фæдыл Европаг  Советы президент Шарль Мишел  европарламенты дзырдæй ралæуды рæстæджы   райхъусын кодта.

Йæ дзырдæй, зæгъгæ  Евроцæдис тыхыбын бауыдзæн   уырыссанг нефт æмæ  газыл  санкцитæ сидар кæнын.

«Мæ  хъуыдæм æгсгæ, нефт æмæ газы фæдыл  мадзæлттæ райсын  кæддæр æнæмæнгхъæугæ бауызæн», – банысан кодта Мишел.

Шарль Мишел куыд райхъусын кодта афтæмæй,   зæгъгæ сабыр цæрджыты цагъд, «ноджы иу  бæлвырдгæнæн у, цæмæй Уæрæсейы сырдон митæ   Украинаг адæмы ныхмæ æгæрон сты».

Уыимæ  Шарль Мишель æрсидтис уырыссаг æфсæддæттæм,  æркалой хæцæнгарз  æмæ сæхи айсой  хæсты фронтæй. Мишелы дзырдæй,  зæгъгæ ахæм æфсæддæттæн  иуæй-иу европаг  бæстæтæ  хиæмбæхсæн дæр æнхъарынц.