Эстонийы фæсарæн хъуыддæгты министрад - журналистты æмæ активистты ахст æнæрайсгæ у, Эстони сиды Батумы æмæ Тбилисы ахст журналистты æвæстиатæй ссæрибар кæнын
Сабырадон протестгæнджыты цæугæ репресситæ, се æхсæн Гуырдзыстоны журналистты æмæ активистты ахст æнæрайсгæ у – уый фæдыл Эстонийы æттаг хъуыдтæгты министрады расидæны ис фыст.
Расидæны куыд банысангонд у афтæмæй, Эстони ахстгонд журналистты æвæстиатæй ссæрибар кæнынмæ сиды.
«Сабыр митинггæнджыты цæугæ репресситæ, се æхсæн Гуырдзыстоны журналистты æмæ активистты ахст, æнæрайсгæ у». «Эстони, куыд медийы сæрибардзинады коалицийы æмсæрдар, сиды æвæстиатæй ссæрибар кæнын алы уыцы журналисты, кæцытæ æнæрастæй ахст сты Батумы æмæ Тбилисы» – ис фыст Эстонийы фæсарæн хъуыддæгты министрады фидиуæны.