Тбилисы сæрдыгон рæвдауæндæтты сывæллæтты регистраци 8-æм июны райдайдзæн
Тбилисы сæрдыгон рæвдауæндæтты сывæллæтты регистраци 8-æм июны райдайдзæн

Тбилисы сæрдыгон рæвдауæндæтты сывæллæтты регистраци 8-æм июны, 10:00 сахатыл райдайдзæн. Уый фæдыл сæйраг сахары мэр Каха  Къаладзе Тбилисы муниципалитеты хицауады рабадтыл расидтис.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, сæрдыгон рæстæг кусдзæн 54 рæвдауæндоны, кæцыты 19500 сывæллоны онг райсдзысты.

«Фæнды мæ сымахæн бахæццæ кæнон информаци Тбилисы мэрийы социалон проект «Сæрдыгон рæвдауæндæтты» сывæллæтты регистрацийы фæдыл.

Куыд зонут, афтæмæй рæвдауæндæтты ахуыры аз фæвæййы 30-æм июны, 1-æм июлæй та сæрдыгон рæвдауæндæттæ кусдзысты æнæхъæн мæй. Ацы аз Тбилисы 54 сæрдыгон рæвдауæндон кусдзæн, цы ран 19 500 онг сывæллон райсдзысты.

Регистраци электрононæй сырæздзæн Тбилисы рæвдауæндæтты къухдариуæгады агентады веб-фарсыл – www.kids.org.ge. Регистраци райдайдзæн 8-æм июны, 10:00 сахатыл, æмæ адарддæр уыдзæн 21-æм июны онг», – банысан кодта сæйраг сахары мэр.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, проектæй спайда кæнын сæ бон уыдзæн Тбилисы рæвдауæндæтты регистриргонд 2 азæй 6 азы онг кары сывæллæттæн, сæ нымæцы уыдонæн дæр, кæцытæ сентябры рæвдауæндон фæвæййынц æмæ скъоламæ цæуынц.

«Мах ацы социалон проект æххæст кæнæм азты дæргъы.Сæрдыгон рæвдауæндоны лæггæдты æркуырд кæддæриддæр бæрзонд у, уымæн æмæ кусгæ Тбилисы цæрджыты стыр хайæн июлы мæйы горæтæй ацæуын сæ бон нæу.

Уыимæ иумæ проект царды рауадзын ахсджиаг у рæвдауæндæтты кусджытæн, уымæн æмæ сæрдыгон рæвдауæндæтты кусыны тыххæй райсдзысты уæлæмхас гонорар. Сæрдыгон рæвдауæндæтты ацы аз кусдзæн 3 900 кусæг», -расидтис Каха Къаладзе.