Амиран Гамхърелидзе -  фæстаг  къуыриты дæргъы  эпидемиологион уавæр  стабилон у
Амиран Гамхърелидзе - фæстаг къуыриты дæргъы эпидемиологион уавæр стабилон у

Мæрдтæн сæ ном  ссарыныл тобæ ничи æвæры, ничи зæгъдзæн, цæмæй  ма рацæуæд  уæлмæрдтæм, фæлæ  кæд гæнæн ис уæд,  уæхи бауромут уым хæринаг  æмæ алкоголон нозтæй,  уымæн æмæ   ацы рæстæджы  æнцонтæй  цæуы  вирусы ахæлиу, афтæ куыд  стыр куывдты  æмæ æмбырдтыл –у ый фæдыл   Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн   фехъусын кодта низты контролы æмæ æхсæнадон æнæнизхъахъхъæды  националон центры къухдариуæггæнæг  Амиран Гамхърелидзе   фехъусын кодта.

Афтæма йæ дзырдæй,   зæгъгæ æнæмæнгхъæугæ  у æхгæд тыгъдады маскæ дарын, стыр æмбырдæй хииуварс кæнын  æмæ вакцинаци.

«Æхгæд тыгъдадты  маскæ  æнæмæнгæй  хъуамæ  дарæм.  Сæрмагондæй та   аргъуанты, цы ран  бирæ адæм æрымбырд удзæн.   Сегасдæр сæйраг – вакцинаци. Уавæр  бирæ  ныфсдæттæгдæр у, цæрджыты иммунон  фæлтæр  тыхджындæр куы у кæнæ та   вакцинацийы бæрæггæнæн бæрзонддæр куы  у уæд.  Дуне  цæттæ кæны  фæззæгмæ,   коронавирус  куы  хъуамæ  феста эндемикон вирусæй  æмæ вæццæгæн  нæ бахъæудзæнис  фæйнæ бустер дозæ. Фæнды мæ  цæрджытæн  фехъусын кæнын,ц æмæй  фæтыхджын кæнæм  иммунон фæлтæр бæстæйы, вакцинæты æгъгъæд нымæц нæм ис» –  банысан кодта Амиран Гамхърелидзе.