АИШ æрсидтис Уæрæсемæ, æнæаргъæвгæйæ сыххæст кæна 2008 азы 12 августы æхст фæурæды фæдыл  бадзырдæй бæрæг хæсистытæ
АИШ æрсидтис Уæрæсемæ, æнæаргъæвгæйæ сыххæст кæна 2008 азы 12 августы æхст фæурæды фæдыл бадзырдæй бæрæг хæсистытæ

Аиш-æ æрсидтис  Уæрæсейы федерацимæ, куд конфликты фарсмæ  æнæаргъæвгæйæ   сыхæст кæна   евроцæдисы æхсæны бацыдæй 2008 азы 12 августы  æхст фæурæды фæдыл  бадзырдæй  бæрæг  хæстæ  æмæ акæна йæ æфсад  конфликты онг  позицитæм, афтæма æнарæнæй  бауадза   гуманитарон  æххуыс.  Уый фæдл  АИШ-ы  миссийы ахæлиугонд фидиуæны  у банысангонд, кæцы публикацигонд æрцыд Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы 59-æм раунды фæудæ фæстæ.

«Уæрæсейы æфсæдты æрдгæй Гуырдзыстоны территориты 20 проценты оккупаци  йæ бын къахы  Гуырдзысторны  суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн, афтæ куыд Уæрæсейы цæугæ  бордеризаци.  Абхаз æмæ  Хуссар Ирыстон  æхсæнадæмонæй нымад  æмæ Гуырдзыстонæй æнæраскъуынг хæйттæ сты.  Иугонд штаттæ  райы Гуырдзыстоны рагон хæсистæй, ма  спайда кæна тыхæй  конфликты алыг кæнынæн» –  банысангонд у  фидиуæны.

Уыимæ публикацигонд фидиуæны банысангонд у, цæмæй Уæрæсейы  æнæпровоциргонд  хæст  Укранайы ныхмæ  нын нæ зæрдыл æрбалæууын кодта, ома Уæрæсейы архæйдытæ Гуырдзыстоны не сты изолиргонд.

«Уæрæсе Гуырдзыстоны  конфликты иунæг фарс у, кæцы ацытæккæ  йæ тыхтæ æрлæууын кодта æндæр паддзахады  территорийыл  ИНО-йы уагæвæрды, Хельсинкийы  акты æмæ Уæрæсейы  2008 азы  æхст фæурæды фæдыл  бадзырд гуырымыхъхъ халгæйæ.  Ацы  халындзинад расайдта Уæрæсейы оккупацион   тыхты æрдгæй Гуырдзыстоны æмбæстагы  марындзинад, сæрмагонд бæстæйы мидæгæй змæлды тыххæй.  Тæфæрфæс кæнæм  Тамаз Гинтурийы бинонтæн æмæ фауæм  Уæрæсейы архæйдтытæ, кæцы  расайдта йæ  адзал»-  кæсæм  фидиуæны.

АИШ-æ банысан кдта  Гуырдзыстоны Хуссар Ирыстоны  регионимæ администрацион арæны  дыууæ  ахизæн пункты хайгай фегом кæнын.

«Данддæр кæнæм сæ  æххæст багоммæ  сидт, кæцы æвæрццагæй фæзындзæнис конфликты фæстиуæгæн  зианбавзарæг  районты цæрæг  адæмыл» -банысангонд у  фидиуæны.