Амиран Гамхърелидзе – эпидемиологион уавæр  сæндæггай стабилон ссис
Амиран Гамхърелидзе – эпидемиологион уавæр сæндæггай стабилон ссис

Коронавирусон инфекциимæ баст  эпидуавæр сындггай  стабилон ссис.  Æрвылбойнон  цауты  фæкадæры   тенденци  дарддæр кæны,  инцидентты,  æвæрццаг анализты, афтæма репродукцийы  индекс  каддæр кæны.  Нысаниуæгджын у, цæмæй каддæр кæны  мæлынад дæр – уый фæдыл  низты контролы националон  центры  къухдариуæггæнæг  Аииран Гамхърелидзе  райхъусын кодта.

ЙÆ дзырдæй,  фæкаддæри медицинон секторыл уæз дæр.

«Рынчындæтты абон сæумæрайсоммæ сты 801 адæймаг, уырдгæй  реанимацийы сты 222. Эпидуавæр  стабилон у, контролгонд у бæстæйы.  Уымæ æмбæлгæйæ дæр хъуыды кæнæм,  цæмæй марты дæргъы хъуамæ  адарддæр уа.  Хъыгагæн,  зондзыстут вакцинацийы  тынг ныллæг бæрæггæнæн  кæй ис уый.  Вакцинацигонд сты  æрмæст æххæстаздзыд  цæрджыты 43.6%, бустер арызт у  æрмæст 8%-мæ.  Уый тыххæй, тынг  арæхсгай хъуамæ уæм, уымæн æмæ  рæнхъ  бæстæты,  «омикроны» дыккаг уылæн  фæбæрæги.  Уым цы ран  вакцинацийы  бæрæггæнæн  ныллæг у, гæнæн ис  ногæй  та  сбæрæг уа рæзты  тенденци.  Сæйраг сидт у, имунон сывæлдæджы  стынг  кæнын.  Сæрмагондæй та, нысаниуæгджын у бустер, уымæн æмæ бустер  реалонæй  кусы, иргъæвы  адæймагы  куыд инфицирадæй, афтæ низы фæкарзæй æмæ мæлынадæй» – райхъусын кодта Гамхърелидзе.