Амиран Гамхърелидзе – «Омикроны» ныхмæ хæцынæн  сæйраг фæрæз у  маскæ
Амиран Гамхърелидзе – «Омикроны» ныхмæ хæцынæн сæйраг фæрæз у маскæ

Низты контролы   националон  центры  къухдариуæггæнæг  Амиран Гамхърелидзейы   фидиуæнæй,   бæстæйы  эпидемиологион уавæры стабилизацидзинады  миниуджытæ  фæзынд, фæлæ  уымæй  адæм сæрхызтдзинад ма хъуамæ фесафой.

Афтæма йæ ныхæстæм  гæсгæ,  абон «Омикроны» ныхмæ иуæй-иу  сæйраг  мæцъис у, маскæ æмæ вакцинаци.  Амиран Гамхърелидзе ма банысан кодта, цæмæй   маскæ дарыны хæс, нырма   стыр рæстæджы дæргъы нæ аивдзысты  нæдæр гом  æмæ нæдæр æхгæд  тыгъдадты.

«Абон  хуысгæ  6000 пациентæй,  95%  вакцинацигонд не сты.  Бахахх кæнын хъæуы уый, цæмæй  вакцинæ, сæрмагондæй  та  бустер,  дзæбæх  хъахъхъæны  «Омикроны» цауы  фæкарзæй  æмæ фаталон  фæстиуæгæй.   Абон «Омикуроны» ныхмæ  хæцынæн   дыууæ  сæйраг мæцъис  сты – маскæ æмæ  вакцинæ. Уый тыххæй  дæр мах   нырма,  маскæ дарын, нæ аивдзыстæм нæдæр æхгæд æмæ  нæдæр гом  тыгъдадты. Уый нырма  нæ  цардуагы  иуæй-иу   сæйраг  уаг хъуамæ уа. «Омикрон» æмæ ковидинфекци иу  бонмæ нæ фæуыдзысты.  Афтæ нæ уыдзæн цæмæй сом райхъал уæм  æмæ пандеми  фæтар уыдзæн,  уый хъуамæ сындæггай  бамынæг уа», –  райхъусын кодта Амиран Гамхърелидзе.