Амиран Гамхърелидзе – нæ бон зæгъын у, цæмæй  бæстæ  ис коронавирусы ахæлиуы  пикъы
Амиран Гамхърелидзе – нæ бон зæгъын у, цæмæй бæстæ ис коронавирусы ахæлиуы пикъы

Низты контролы националон центры къухдариуæггæнæг  Амиран Гамхърелидзейы  фидиуæнæй,   зæгъгæ, бæстæйы эпидемиологион уавæр у  вазыгджын, фæлæ  контролгонд.  Афтæма  йæ  дзырдæй, эпидемиологион уавæры алы  бæрæггæнæн тынг бæрзонд æмвæзадыл ис.  Уый ма загъта,  цæмæй   зæгъæн ис  бæстæ коронавирусы ахæлиуы  пикы  ис.

Амиран Гамхърелидзе сырæзт уавæры  вакцинæты  нысаниуæгыл  радзырдта æмæ сæрмгонд хъусдард  раздæхта   вакцинæйы æртыккаг, бустер дозæмæ.

«Хъыгагæн  вакцинацийы бæрæггæнæн бæрзонд нæу. Ноджы иу  хатт мæ фæнды зæгъын,  абоны  уавæры  сæйраг сидт  у  бустер дозæ  саразынмæ.   Бустеризацигонд  абон  у 180 000-ы онг æмбæстаг.   Алы иртасæнæй  фæбæрæги,  цæмæй бустер абон «Омикроны» серьозонæй  уромы. Уый тыххæй акцент арызта хъуамæ уа регуляцитæ сыххæстмæ æмæ бустер дозæ саразынмæ», –  райхъусын кодта Амиран Гамхърелидзе.

Уый ма  регуляцитæ æххæсткæнын æнæмæнгхъæугæ кæй у, уый фæдыл фæныхас кодта æмæ  загъта, цæмæй  сæрмагондæй  нысаниуæгджын у, цæмæй  адæймæгтæ  дарой маскæтæ.  «Маскæ  дарыны бæрæггæнæн 75% лæууы, уый та æгъгъæд нæу», – райхъусын кодта  Гамхърелидзе.

Уыимæ  координацион советы  рабадты фæстæ лæвæрд брифингыл  Амиран Гамхърелидзе  банысан кодта, цæмæй  коронавирусы  ног цауты,  зæгъæн ис, 95%   циркуляци кæны «омикрон». Афтæма йæ ныхасмæ гæсгæйæ,    зæгъгæ  «Омикронæй»  дыккагæй инфицирады  цаутæ нырмæ не сбæрæг сты.