Джо Байден Уæрæсейы хицауадмæ æрсидтис, æнæаргъæвгæйæ ссæрибар кæной америкаг баскетболист Бритни Грайнеры
АИШ-ы президент Джо Байден Уæрæсейы хицауадмæ сиды, æнæаргъæвгæйæ ссæрибар кæной америкаг баскетболист Бритни Грайнеры. Уый фæдыл дзырдæуы Джо Байдены фидиуæны, кæцы Урс Хæдзары веб-фарсыл уыд публикацигонд.
«Абон америкаг æмбæстаг Бритни Грайнерæн рахастой уынаффæ ахсты фæдыл æмæ уый у ноджы иу зæрдыл æфтауæн, кæцыйы дуне ныридæгæн зоны: Уæрæсе æнæзакъононæй æрцахста Бритнийы. Уый нæрайсгæ у. Сидын Уæрæсейы хицауадмæ, ссæрибар æй кæна æнæаргъæвгæйæ, цæмæй йæ бон бауа йæ æмкъамæ, йæ уарзон адæймæгтæм, хæлæрттæм æмæ йе æмбæлттæм æрыздæхын. Мæ администраци адарддæр кæндзæн кусын æмæ спайда кæндзæн алы амæлттæй, цæмæй Бритнийы æмæ Пол Уиланы æрыздаха сæ хæдзæрттæм æдасæй, куыд гæнæн ис, афтæ тагъд», – дзырдæуы байдены фидиуæны.
Мæскуыйы тæрхондон америкаг баскетболист Бритни Грайнеры зылынджыныл банымадта наркотикты контрабандæйы æмæ бавæрыны æмæ йын фараст азæй ахст стæрхон кодта. Уымæй уæлдай ма дыууæхаттон олимпион чемпионæн иу милуан рублы ( доллары) бæрц ивар бафидын дæр стæрхон кодта. Грайнеры февралы Мæскуыйы аэропорты æрцахстой. Джигулы рæстæджы йæм ссардтой гæны зети. Тæрхоны процессыл америкаг баскетболист радзырдта, цæмæй йын медицинон нысанæн дохтыр рафыста медикаментты фæрссаг æндæвдадæй бахизынæн.
Пол Уилан та, раздæры денджызон фистæгы, Уæрæсейы 2018 азы декабры, шпионажы аххосагæй æрцахстой. 2020 азы июны уымæн 16 азæй ахст стæрхон кодтой.