Джо Байдены офис хъусын кæны, цæмæй йын рабæрæг ис простатайы рак
Джо Байдены офис хъусын кæны, цæмæй йын рабæрæг ис простатайы рак

АИШ-ы раздæры президент Джо Байденæн рабæрæг ис простатайы рак. Медиа куыд хъусын кæны афтæмæй, уый фæдыл Байдены сæрмагонд офисы рапарахатгонд расидæны ис фыст.

Зындгонд куыд у, афтæмæй Байденæн ис æвзæр опухоль, æмæ метастазтæ ахæлиу сты стæгдартæм.

«Кæд æмæ уый у низы агрессивондæр хуыз, уæддæр рак, куыд зыны, афтæмæй у гормонтæм æнкъарæг, кæцы фадат дæтты эффективон хос кæнынæн», — дзырдæуы хъусинаджы.

Зæрдылдарæнæн, Джо Байден уыд АИШ-ы 46-æм президент. Уый 2020 азы æвзæрстыты Дональд Трампыл фæуæлахиз. Байден 2024 азы президентон æвзæрстыты дыккаг æмгъуыдмæ кандидат уыд, кæд æмæ йæм демократтæ сидтысты йæ кандидатурæ фæстæмæ райсынмæ. Фæстæдæр ныууагъта президентон кампани æмæ йæ фарс рахæцыд уæды вице-президент Камал Харрисæн.