Амиран Гамхърелидзе - 37 пациентæй коронавирус сæ иуæн дæр не сбæлвырд ис
Низты контролы æмæ æнæнизхъахъхъæды националон центры къхдариуæггæнæгы, Амиран Гамхърелидзейы куырдиатæй, абоны бæрæггæнæнтæй зæгъгæ, глобалонæй алы бæстæйы коронавирусæй фæрынчыны 87 000 цау сфиксир ис.
«Цæй зæгхын æй хъæуы, сеппæтæй фылдæр у Китайы, фæлæ серьозонæй фæфылдæр ис нымæц Хуссар Кореяйы, Италийы ныридæгæн ахызтис 1000-æй. Хорз у цæмæй чи сдзæбæх ис уыдон нымæц 43 000 фылдæр у æмтгæй райсгæйæ, мæлынады нымæц та у 2 900-йы бæрц адæймаг» райъхусын кодта Миран Гамхърелидзе.
Цыдæриддæр та Гуырдзыстонмæ æххæссы, Гамхърелидзейы дзырдæй, зæгъгæ абоны бæрæггæнæнтæй, æмтгæй райсгæйæ басгæрстой 130 гæнæн цау æмæ дзы æрмæст æртæ сбæлвырд ис.
«Знон уæлæмхасæй басгæрст ацыд 37 адæймагæн. Сеппæтæн дæр уыд æппæрццаг фæстиуæг. Хъуыды йæ кæнут цæмæй знон сæумæрайсом сбæлвырд кодтам æртыккаг æвæрццаг цау. Кæнæ та нын иумæйагæй куы зæгхæм Гуырдзыстоны нын уыд 130 æнхъæлцау цау æмæ дзы уыдонæй æрмæст æртæ сбæлвырд ис»- райхъусын кодта Амиран Гамхърелидзе.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, æртæ дæр пациент сты инфекцион рынчындоны боксиргонд хайады æмæ сæ клиникон уавæр æвæрццаг у.
Амиран Гамхърелидзе дзуры, цæмæй абон, Лугары центрмæ æрвыст сты Тбилисы централон инфекцион ренчындонæй æмæ Ныгуылæн Гуырдзыстоны инфекцион рынчындæттæй 24 хуызæгы, кæцыты дзуапп уыдзæн боны дæргъы.