Амиран Гамхърелидзе - 1 186 ног цауæй 20-25%-ы хауынц госпиталон хос кæнынмæ, кæнæ та хъæуы 300-ы онг хуыссæн бынат,, бæстæйы та сæумæрайсоммæ цæттæ уыдис 900 бынат
Низты контролы националон центры къухдариуæггæнæг Амиран Гамхърелидзейы информацийæ, абон сæумæрайсомы бæрæггæнæнтæй, бæстæйы спецализацигонд уагдæтты 900 сæрибар хуыссæн бынат уыд мобилизацигонд.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, коронавирусы 1186 ног цауæй госпиталон хос кæнын хъæуы æрмæст 25%-ы бæрц пациентты.
«Абон сæумæрайсоммæ 900 сæрибар хуыссæн бынат уыд бæстæйы. 1 186 фæрынчынувæгæй, рынчындоны госпиталон хос кæнын хъуыдис æрмæст 20-25% пациентты. Кæнæ та ацы адæймæгтæн 200-300-ы онг хъуамæ уыдаит сæрибар бынæттæ. Министрады информацийæ куыд зонын, афтæмæй, бæстæйы 900-ы онг бынат уыдис сæрибар æндæр æмæ æндæр специализацигонд уагдæтты, сабион, æххæстаздзыдты æмæ а.д.», -фехъсын кодта Амиран Гамхърелидзе.