АИШ, Франц, Германи, Итали æмæ Стыр Британи Уæрæсейы ныхмæ уæлæмхас санкцитæ сфидар кæныны фарстайыл æрныхас кодтой
АИШ-æ, Франц, Германи, Итали æмæ Стыр Британи Уæрæсейы ныхмæ уæлæмхас санкцит сфидар кæныны фæдыл æрныхас кодтой. Фæнысангонды фæдыл АИШ-ы паддзахадон департамент публикаиц кæны фидиуæн.
АИШ-ы паддзахадон нымæрдары хæдивæг, Вэнди Шермани, йæ коллегæтимæ иумæ Францæй, Германийæ, Италийæ æмæ Стыр Британийæ, Паризы æркастысты Уæрæсейы Федерацийы ныхмæ улæмхас санкцитæ сидар кæнын æмæ Украинайæн æххуыс адарддæр кæныны дарддæры къахдзæфтæ.
«Фембæлды хайадисджытæ æрныхас кодтой, уæлæмхас санкцитæ сфидар кæныны фæндæгтыл, афтæ куыд æндæр мадзæлттыл, цæмæй Уæрæсейы Федераци дзуаппмæ лæвæрд æрцæуа» – дзырдæуы фидиуæны.
Фидиуæнмæ гæсгæйæ, фарсытæн уыд уæрæх дискусси Уæрæсейы Украинамæ лæбурды тыххæй, хъахъхъæнынады стынг кæныны нысанæн æфсæддон æххуыс адарддæр кæныны нысаниуæгыл æмæ милуангай адæймагæн гуманитарон æххуысы тыххæй, кæцытæ тыхыбын фесты сæ хæдзæрттæй сыстын.
Фарсытæ афтæдæр æркастысты Уæрæсейы бырстæй расайгæ глобалон хæлцадон æдасдзинадимæ баст фарстатæ.