Германи Украинайæн æфсæддон хæрдмæтæхджытæ  фыццаг хатт адæтдзæн
Германи Украинайæн æфсæддон хæрдмæтæхджытæ фыццаг хатт адæтдзæн

Германи  Украинайæн  «Sea King Mk 41» типы æфсæддон хæрдмæтæхджытæ  фыццаг ратдзæн, – уый фæдыл  Германийы хъахъхъæнынады министр Борис Писториус  райхъусын кодта.

Sea King Mk 41 у аппробиргонд  æмæ нæфæсайгæ  хæрдмæтæхæг, кæцы баххуыс уыдзæн   украинæгтæн бирæ сферæйы: Сау Денджызы  рагысгарæгон  архæйдтæй райдайгæ  æфсæддæтты  транспортацийы онг. Уый Германийæ ацы типы  фыццаг лæвæрд у», –  хаххгондæй банысан кодта Писториус.

Германийы хъахъхъæнынады министрады райхъусын кодтой, цæмæй Украинайы  ныхмæ  Уæрæсейы æххæстмасштабон  хæст райдаынæй,  Киевæн  Германийы  æфсæддон  æххуысы  æмтгæйон  бæрцуат, æхсæз миллиард евромæ  ахæццæ ис.

Уæдмæ хæлиу кодта информаци, цæмæй Германи  2024 азы Украинайæн авд  миллиард евройæ фылдæр аргъы  æфсæддон  æххуыс  адæтдзæн.