Эмануел Макрон хъусын кæны, цæмæй æдасдзинады фарстайыл Францы æмæ Украинайы къухбафыст дыууæфарсон бадзырды фæдыл, бæстæйы парламенты дебаттæ æмæ хъæлæскæнынад ацæудзæн
Францы прзезидент Эмануел Макроны фидиуæнæй, æдасдзинады фарстайыл Францы æмæ Украинайы 16 февралы къухбафыст дыууæфарсон бадзырдмæ гæсгæ, бæстæйы парламенты дебаттæ æмæ хъæлæскæнын ацæудзæн.
Елисейы галуаны нæ конкрет кæнынц, кæцы фарстайыл уыдзæн хъæлæскæнынад, афтæма нæу бæрæг дебаттæ ауадзыны датæ.
Франц æмæ Украина æдасдзинады сферæйы 10 азон æмгуыстады бадзырдыл 16 февралы бафыстой къух. Бадзырды фæлгæтты Францы Киевæн уæлæмхасæй 3 миллиард Евроæйы аргъы æфсæддон æххуыс рахицæн кæнын хъавы. Сæ нымæцы уыдзæн æмгуыстад хъахъхъæнынады кондады сферæйы, æфсæддæтты ахуырты, рагысгарыны æмæ æмбæстагон æххуысы.
Банысанкæнинаг у, цæмæй знон Паризы Макроны хуындæй Украинйы 20-ы онг ныгуылæйнаг партнеры фембæлд ацыд, кæцы рæстæджы дарддæры æххуысы фарстатæ æркастысты. Фембæлды фæстиуæгæн коалицийы саразыны тыххæй райхъусын кодтой, кæцы Украинайæн астæу æмæ дард радиусыл архайæг ракетæтæ бадæтдзæн.
Афтæма фембæлды фæстæ Макрон загъта фадаты тыххæй, Украинамæ, фидæны ныгуылæйнаг гарзджын тыхты арвитыны фæдыл, фæлæ банысан кодта, цæмæй ацытæккæ æмцæдисонты æсæн ацы фарстайыл консенссус нæй.