Францы терактты тас  бæрзонддæр æмвæзадмæ схæцыдысты
Францы терактты тас бæрзонддæр æмвæзадмæ схæцыдысты

Францы   теракты тас  бæрзонддæр æмвæзады онг райрæзын кодтой.   Æмбæлгæ  уынаффæ бæстæйы премьер-министр  Мæскуымæ  æввахс сæххæст   теракты фæстиуæг у.

Габриел Атал  социалон хызаджы  куыд ныффыста  афтæмæй,   Уæрæсейы æрцæугæйы фæстæ   бæстæйы президент Эмануел Макрон   Францы   хъахъхъæнынады æмæ  националон æдасдзинады  советы рабадт фæхуыдта.

«Исламон Паддзахады» æрвитæггæгтæм гæсгæйæ,   ома уыдон  исынц бæрн сæхимæ  бырстыл æмæ уыцы æртхъирæнтæ  хынцгæйæ,  кæцытæ   хъуысынц нæ  бæстæйы æрдæм, ахицæн кодтам   терриористон  бырстыты  тас  бæрзонддæр æмвæзадмæ схæцæм», –  фыссы  Францы  премьер-министр.

Францы закъондæттынадæй, террористон  бырстыты  тасы  бæрзонддæр æмвæзадмæ райрæзын кæнын  æмбæлгæ   уагдæттæн дæтты  фадат,  бахъуаджы цауы, æхсæнадон  цардуагæн  зиангæнæг  архæйдтытæ  сыххæст кæной, цæмæй  маруадзой  теракттæ.