Ног азы æхсæв Францы басыгъд мин машинæйы бæрц, 420 адæймаджы æрцахстой
Ног азы æхсæв Францы басыгъд мин машинæйы бæрц, 420 адæймаджы æрцахстой

Ног азы æхсæв Францы басыгъд мин машинæйы бæрц. Уый фæдыл Францаг медиа парахат кæны.

Медийы информацийæ, цауты фæдыл бæстæйы 420 адæймаг æрцахстой, ахæстонмæ та 310 адæймаг арвыстой.

«Инциденттæн сæ фылдæр баст уыдысты пиротехникæйæ æнæраст пайда кæнынимæ, уыцы нымæцы пъæлицæйæгтæ æмæ зынгхуыссынгæнджыты ныхмæ фейерверктæй æхст», — загъта Францы мидхъуыддæгты министр Бруно Ретайо.

Медийы информацийæ, ивгъуыд азы Францы, æнæзонгæ адæймæгтæ Ног азы æхсæвы 690 машинæ басыгътой.