Ног азы æхсæв, Тбилисы æхсæнадон транспорт ауæрæхгонд режимæй кусдзæн
Ног азы æхсæв, Тбилисы æхсæнадон транспорт ауæрæхгонд режимæй кусдзæн

Ног азы æхсæв Тбилисы æхсæнадон транспорт традиционæй кусдзæн ауæрæхгонд режимы. Ацы æмгъуыдмæ куыд Тбилисы метро, ​​афтæ дæр автобустæ бæлццæттæн лæвар лæггад кæндзысты.

Тбилисы мерийы информацийæ, метро 1-æм январы 03:00 сахаты онг кусдзæн, автобустæ та 31-æм декабры 23:00 сахаты бæсты 1-æм январы 03:00 сахаты онг кусдзысты.

Канаткæ «Рике-Нарикала» бæлццæттæн лæггад кæндзæн 31-æм декабры 22:00 сахатæй 1-æм январы 03:00 сахаты онг.

Ногбоны æхсæвмæ та цы хауы, Тбилисы метройы куыст 7 январы 00:00 сахатæй 03:00 сахатмæ адарддæр уыдзæн. Бæлццæтты лæггад дæр ацы цауы уыдзæн лæвар.