Гуга Кашибадзе – Ног азы æхсæв, сыгъдтыты центры дæс пациенты бæрц райстам, уыдонæй æртæ сывæллæттæ уыдысты, нæ амондæн, уæззау цаутæ нæ рабæрæг сты
Сыгъдтыты центры къухдариуæггæнæг, Гуга Кашибадзейы ныхасмæ гæсгæ, Ног азы æхсæвы клиникамæ бахаудысты дæс цæфгонд адæймаг, кæцытæй æртæ сывæллæттæ уыдысты.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, пиротехникæйæ уæззау судзинты цаутæ ацы аз нæ уыд, æмæ хирургион æххуыс дæр нæ уыд æнæмæнгхъæугæ.
«Ног азы æхсæв нæм æрбацыд дæс пациенты бæрц, уыдонæй æртæ уыдысты сывæллæттæ, иннæтæ хистæртæ. Ивгъуыд азты фæлтæрддзинадыл æнцойгæнгæйæ, бæрæггæнæн дзæвгар фæкъаддæр. Хорз у, æмæ уæззау цаутæ нæ разынд, ахæм рынчынты æрмæст мах нæ исæм, хатгай хирургон хайадмæ æрбацæуынц бæрæг æлхъывдады аххосæй уæззау цæфтимæ. Иу хатт ма мæ фæнды цæрджыты бафæдзæхсын – уыдон хъазæн пиротехникæ не сты, кæцытæ хæссай дæ бинонтæм, сæйрагдæр у æдасдзинады домæнтæ æххæст кæнын, æнæхъусдардæй гæнæн ис æмæ æрцæуа уæззау зиан. Ахæм цау нæм нæ уыд, æмæ дзы уыд уæззау судзин кæнæ та æнæмæнгхъæуæг уыд хирургион æххуыс. Æрмæст уый, æмæ бирæ азты фæлтæрддзинадæй, уый æрмæст Ног азы нæ æрцæуы, уый даргъ кæны зæронд уагæй суанг Ног азы æмæ Ногбоны дæр», – расидтис Кашибадзе.