Германийы хъусын кæнынц, цæмæй  Европæ нæ бафæраздзæн  Украинайæн АИШ-ы æххуысы  компенсаци скæнын
Германийы хъусын кæнынц, цæмæй Европæ нæ бафæраздзæн Украинайæн АИШ-ы æххуысы компенсаци скæнын

 

Германийы хъусын кæнынц, цæмæй  Европæйæн   йæ бон нæ бауыдзæн   АИШ-ы  æххуысы компенсаци скæнын.

Уый фæдыл фидиуæн   Цъæхты партийы  лидер  Омид  Нурипур  сарызта.

«Зынæй уырнинаг у  уый, цæмæй гæнæн бауа  уый  компенсаци скæнын, кæцы бафæрæзтой америкæгтæ  материалон  кæнæ финансон  цæстæнгасæй, фæлæ  бæрæг у, цæмæй мах  Европæгтæ  хъуамæ  стынг кæнæм фарсхæцын», – райхъусын кодта политик.

АИШ-æй укранæгтæн  ног финансон   æххуысы пакеты  алæвæрд ацы рæстæгмæ  блокиргонд у. Уый аххос та у  АИШ-ы Конгрессы уæвæг  æнæразыдзинад.