Германийы пъæлицæй  расыг Санта Клаусы æрцахста
Германийы пъæлицæй расыг Санта Клаусы æрцахста

Германийы иуæй-иу горæты пъæлицæй  æрцахста  Санта Клаусы расыгæй. Барадхъахъхъæнджыты  информацийæ,  Санта Клаус  нал фæцарæхстис хæдтулгæ  тæрын  æмæ  хæдзары  фасады æмæ лæугæ  хæдтулгæ ныццавдта.

«Хæдзары фасад   серьозонæй базиан ис, Санта Клаусы  Цыппурсон лæвæрттæ  нæ базиан сты», – хъусын кæнынц пъæлицæйы.

Пъæлицæйы информацийæ,  Санта Клаусæн  байстой  хæдтулгæ тæрыны æвдисæнгæххæт  æмæ фæдагуырд цæуы   нозтджын уавæры  автомобилы тæрыны  фактыл, фæлæ  Санта Клаус хуъсын кæны, цæмæй  лæвæртты  æввахсдæр фидæны уæддæр байуардзæн.