Пентагоны информацийæ, АИШ æмæ Стыр Британи, бырст сыххæст кодтой «Хуситты» аст объектыл Йемены
Пентагоны информацийæ, АИШ æмæ Стыр Британи, бырст сыххæст кодтой «Хуситты» аст объектыл Йемены

Америкæйы Иугонд Штаттæ æмæ Стыр Британи  Йемены  “Хуситты” нысæнттыл  уæлдæфон  бырстытæ дарддæр кæнынц.

Пентагоны фидиуæнæй уыдон ацы хатт  «Хуситты» аст  объекты ныццавдтой, сæ нымæцы  зæххыбын  æвæрæны, ракетæты æмæ  цæстдарæн  системæтæ.

АИШ-æ æмæ  Стыр Британи иумæйаг   фидиуæны банысан кодтой, цæмæй  архайдтой бахъахъхъæнын «базарады сæрибар къада».

«Нæ нысан у, ныттынггонд уавæры дээскалаци æмæ стабилондзинады  сног кæнын  Сырх Денджызы», – фыст ис  фидиуæны.

Иумæйаг  фидиуæны афтæдæр банысангонд у, цæмæй  хафтытæ сыххæст сты  Австралийы, Бахрейны, Канадæйы æмæ Нидерландты  æххуысæй.

АИШ æмæ Стыр Британийы тыхтæ, Йемены «Хуситты»  объекттæм  бырстытæ фыццаг хатт 11  январы  сыххæст кодтой.   АИШ-ы президент  Джо Байден куыд райхæлдта афтæмæй,   авиабырстытæ уыдысты  дзуапп   «Хуситты» æрдгæй  Сырх Денджызы  базарадон наутæм  бырстытæн.