Ираклий Къобахидзе – Гуырдзыстон хорзыл нымайы АИШ æмæ Ираны æхсæн æхсты фæурæды фидиуæн æмæ позитивонæй аргъ кæны эффектон медиацион архайдтытæн

19:26, 08.04.2026

Гуырдзыстон хорзыл нымайы Америкæйы Иугонд Штаттæ æмæ Ираны Исламон Республикæйы æхсæн æхсты фæурæды расидæн æмæ позитивонæй аргъ кæны эффективон медиацион архайдтытæн, кæцытæ уый гæнæн сарæзтой – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе социалон хызаг «Х»-ы фыссы.

Къобахидзе ныфс расидтис, цæмæй ацы къахдзæф ахъаз уыдзæн деэскалацийæн æмæ регионы æнæфæцудгæ сабырад сифтонг кæндзæн.

«Гуырдзыстон æхсызгонæй райсы АИШ-ы æмæ Ираны Исламон Республикæйы æхсæн æхсты фæурæды расидæн æмæ позитивонæй аргъ кæны эффективон медиацион архайдтытæн, кæцытæ уый гæнæн сарæзтой. Ныфс нæ ис, цæмæй ацы къахдзæф ахъаз кæндзæн деэскалацийæн æмæ разæнгард кæндзæн адарддæргонд дипломативон æмгуыстад регионы æнæфæцудгæ сабырад æмæ стабилондзинад сифтонг кæныны тыххæй» – банысан кодта Ираклий Къобахидзе.

Хуыздæр