Евроцæдис Уæрæсейы ныхмæ  санкциты архайыны æмгъуыд  2025 азы 24 февралмæ адарддæр кодта
Евроцæдис Уæрæсейы ныхмæ санкциты архайыны æмгъуыд 2025 азы 24 февралмæ адарддæр кодта

Евроцæдис Уæрæсейы ныхмæ  санкциты  архайыны æмгъуыд  2025 азы 24 февралмæ адарддæр кодта.

Евроцæдисы Советы   прессрелизы куыд дзырдæуы афтæмæй,   Уæрæсейы  ныхмæ санкциты сæ тыхы ныууадзын   нысанæмраст у, уымæн æмæ  Кремль  дарддæр кæны   æхсæндæмн   барад халгæйæ  Украинайы  ныхмæ   тыхæй архайын.

Уæрæсейы  ныхмæ  санкциты пакет  Евроцæдис 2022  азы 23  февралы  райста. Мæскуы  куы банымадта Донбасы архайæг сепаратистон  формиргондтæ  уæд.

Санкциты ауæрæхдæр кодтой 2022  азы  6 октябры, Уæрæсе  Украинайы цыппар зылды  анексийы фæдыл куы райхъусын кодта уый фæстæ.