Æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунеон организацийы минæвар - Кæд Европæ æнæмæнгхъæугæ инфраструктурæ не срæвдз кæндзæн, уæд нын æртыккаг уылæн дæр уыдзæн
Æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунеон организацийы минæвар Девид Набаро хъусын кæны, цæмæй «Ковид-19»-ы пандемийы рæстæджы европæйы реакци æнæххæстаргъджын уыд.
Уый фæдыл информаци хъусын кæны агентад «Ройтер».
Набарройы дзырдæй, зæгъгæ кæд Европæ хъæугæ инфраструктурæ не срæвдз кæндзæн, уæд коронавирусы æртыккаг уылæн дæр уыдзæн.
«Сæрды мæйты, фыццаг уылæн контролы дæлбар куы бакодтой, уæд сын нæ бантыстис æмбæлгæ инфратсруктурæ срæвдз кæнын. Ныр та дыккаг уылæн лæууы. Æмæ Кæд Европæ æнæмæнгхъæугæ инфраструктурæ не срæвдз кæндзæн, уæд нын æртыккаг уылæн дæр уыдзæн иннæ азы райдайæны» – райхъусын кодта Æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунеон организацийы минæвар Девид Набаро.
Набаро рекомендацитæ хъахъхъæды æрдгæй цæвиттонæн æрхаста Хуссар Корея.
«Адæмæ æнæхъæнæй баст сты, уыдон афтæ дарынц сæхи, цæмæй вирусæн хъуыддаг фæзын кæной, хъахъъхæнынц дистанци, дарынц маскæтæ, хизынц изоляцимæ куыддæр фæрынчын вæййынц афтæмæй, æхсынц сæ къухтæ æмæ хъахъхъæнынц бæрзонд рискы къордты» – райхъусын кодта Набаро.