Æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организацийы рекомендацитæ – Куыд бахъахъхъæнæм нæхи вирусæй
Æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организаци рекомендацитæ дæтты.
Коронавирустæ, вирусты мыггагæй сты, кæцытæн сæ бон у расайын куыд къаддæр уæзы низфæзынд, дæнцæн – хуымæтæг уазалбацыд, афтæ уымæй уæззаудæр низфтæ. Сæ нымæцы – уæззау, карз респираторон синдром.Ног коронавирус у коронавирусты ног штамм, кæцы адæймагмæ, раздæр никуы фæбæрæг ис. Коронавирус адæймагæй адæймагмæ бахæцы, фылдæр – инфициргонд адæймагимæ хæстæг контакты фæстæ.Инфекцийы апарахат цæмæй ма æрцæуа, уый рекомендацитæ: Респираторон инфекцийæ рынчын адæймæгтимæ контактæй хи аиуварс кæнын.Къухтæ арæх æхсын – уæлдайдæр уыцы цауы, кæд дзы ис комкоммæ контакт фæрынчынуæвæг адæймагимæ кæнæ уыцы æхсæнадимæ цы ран уыдис симптомтæ кæмæис ахæм адæймаг. Уынджы цæрæгойтимæ кæнæ та фермертимæ комкоммæ контактæй хи бахизын. Респираторон инфекцийæ рынчын адæймæгты æрдгæй хуыфæджы этикет æххæст кæнын. Респираторон инфекцийæ рынчын пациент пайда кæнæт маскæйæ, баздæхæт дохтырмæ æмæ йын радзурæт балцы историйы фæдыл.