NDI-ы цæстдарæг делегаци  публикаци кæны октябры парламентон æвзæрстытæм бакуыст  рекомендацитæ
NDI-ы цæстдарæг делегаци публикаци кæны октябры парламентон æвзæрстытæм бакуыст рекомендацитæ

19-25 февралы Гуырдзыстоны удис  Националон-Демократон Институты  (NDI) разæвзарæно  цæстдарæгон мисси.  NDI-ы информацийæ, фæнысангонд делегаци  2024 аы 26 октябры   парламентон   æвзæрстыты агъоммæ  плангонд дыууæ  разæвзарæнон  миссийæ фыццаг   уыдис.

Хыгъдлæвæрды банысангонд у?  цæмæй  æвзæрстыты онг аст, æрмæст разæвзарæнон кампаниты райдайынмæ æхсæз мæй  раздæр æнæиу æвæрццаг тенденци фæбæрæг ис, сæ нымæцы: цæрджыты  æрдгæй демократийы, адæймаджы барты  æмæ  закъоны сæйрагдзинадæн æнæцудгæ фарсдарын, æхсæнады æвæрццаг  ахаст  пъæлицæймæ, цæрджыты  æнкъарæнмæ гæсгæ лыстæг коррупцийы фæкъаддæргонд  æмвæз, æромдзинады  райрæзты нысанæн хицауадон  уынаффæты публикацийы  практикæйы ранæуæг æмæ æвзæрстыты  бон процессты  фæхуыздæры нысанæн  инновациты æрфидар.  Иурæстæгонæй,  ис  æвзарæнон процесстимæ баст нысаниуæгджын расидтытæ, кæцыты алыг кæнын хъæуы: поляризаци, æмбæстагон дзыллæйы (уый нымæцы  цæстдарæг организациты) ныхмæ уагъд  дзырдæй  æфхæрын,  политикон  пайда райсыны нысанæн  администрацион  ресурстæй намысцух пайда кæныны фæдыл  уæвæг  зæрдæхсайдтæ  æмæ ног æвзарæнон  технологиты  æрфидаримæ баст фарстатæ.

«Уый Гуырдыстонæн Евроцæдисы кандидаты статус райсты фæстæ фыццаг æвзæрстытæ уыдзæн.  Уымæ гæсгæ дæр Гуырдызстоны  хицауады æмæ алы æндæр  интересджын фарсмæ ис фадат,  сбæлвырд кæна  инклюзивон,  æргом æмæ бæрнон  æвзæрстытæм æмæ  деомкратон  аргъдзинæдтимæ иузæрдыгдзинад», – райхъусын кодта   Пер Эклунд  Гуырдзыстоны  Евроцæдисы  минæварады раздæры къухдариуæггæнæг.