Абоны бæрæггæнæнтæй, коронавирусæй фæрынчынуæвæг пациенттæй 23-ы уавæр у уæззау, фондз пациенты уавæр та критикон
Тбилисы инфекцион рынчындоны медицинон директор Марина Эзугбаиайы информацийæ, абоны бæрæггæнæнтæй, хоскæныны этапыл уæвæг коронавирусæй фæрынчынуæвæг 260 пациентæй фондзы уавæр у критикон, 23-йы уавæр та нымад цæуы уæззауыл.
«Абоны бæрæггæнæнтæй, ковид-центрты 260 пациентæн хос кæнæм. Хоскæныны этапыл уæвæг коронавирусæй фæрынчынуæвæг 260 пациенты фæдыл информаци ахæм у: фондзы уавæр у критикон, 23-йы уавæр та нымад цæуы уæззауыл. Уыдонæн хоскæнынц ковид-центрты реанимацион æмæ интенсивон терапийы хайадты», – райхъусын кодта Марина Эзугбаиа.
Афтæма, Эзугбаиа куыд банысан кодта, уымæ гæсгæйæ, Гуырдзыстоны коронавирусæй фæрынчынуæвæг пациентты 80 процент сæнæниз сты.
«Чи сæнæниз ис уыдоны нымæц 13-æй. Фæнысангонд пациенттты æмтгæйон нымæц у 1 150. Æмæ проунтмæ гæсгæйæ та фæстæмæ 80% -ы у» банысан кодта Эзугбаиа.
Гуырдзыстоны фæстаг 24 сахаты, коронавирусæй инфицирады аст ног цау рабæрæг ис. Сæнæниз ис 13 пациент.