23-24 апрелы Гуырдзыстоны фылдæр хайы, хъарм æмæ хурджын боныгъæд у æнхъæлмæкæсинаг, темпмературæ 29 градусы онг схъарм уыдзæн
23-24 апрелы Гуырдзыстоны фылдæр хайы, хъарм æмæ хурджын боныгъæд у æнхъæлмæкæсинаг, темпмературæ 29 градусы онг схъарм уыдзæн

Æрдзы националон  агентады информацийæ, 21-22  апрелы  Гуырдзыстоны  иуæй-иу  районы кæъвда бонтæ уыдзæн.

Синоптикты прогнозæй, 23-24 апрелы  бæстæйы территорийы фылдæр хайы  хъарм æмæ  хурджын боныгъæд у æнхъæлмæкæсинаг.

Уæлдæфо температурæ 21-22 апрелы  кæмтты æмæ  тæфы  +19,+24 градус уыдзæн, 23-24 апрелы та  +24, +29 градусы онг схъарм уыдзæн.

Уыимæ æрдзы националон агентады хъусын кæнынц, цæмæй 25 апрелы  Гуырдзыстоны  хицæн регионты  хъармы фоныл та  скъæвда уыдзæн.

Тбилисы 21-22 апрелы  гæнæн ис  фæнысан уа  къæвда  арвнæрдимæ. 23-25 апрелы  хъарм æмæ хурджын бонтæ сты æнхъæлмæкæсинаг. Уæлдæфы температурæ  +23, +25 градусы фæлгæтты уыдзæн.