Политикон парти «Гуырдзыстонæны» сæрдар Гиорги Гахариа, Брюсселы ауадздзæн фембæлдтæ ныгуылæйнаг партнертимæ.
Гиорги Гахариа æмæ партийы политикон советы уæнг Кахабер Кемоклидзе Брюсселмæ абон араст сты æмæ фембæлдтæ сын уыдзæн куыд европарламентартимæ, евроцæдисы æддæ хъуыддæгты æмæ æдасдзинады политикæйы куысты æмæ Европæйы советы президенты офисы, – афтæ НАТО-ы дæр.
Уыимæ иумæ фембæлдтæ ауадздзысты æндæр æмæ æндæр аналитикон центрты минæвæрттимæ.
Информаци хъусын кæны парти «Гуырдзыстонæны» пресс-куыст.