Брюсселы Ильхам Алиевы æмæ Никол Пашиняны фембæлд ацæудзæн 31  августы
Брюсселы Ильхам Алиевы æмæ Никол Пашиняны фембæлд ацæудзæн 31 августы

31   августы Брюсселы  Азербайджан  æмæ  Сомихыстоны  лидертæ  кæрæдзиимæ фембæлдзысты. Информаци  бæлвырд кæнынц  дыууæдæр фарсæй.

Сомихыстоны  хицауады  куыд райхъусын кодтой  афтæмæй,   «Никол Пашиняны æмæ Ильхам Алиевы  фембæлды боны фæткы ис уыцы  фарстатæ, кæцытыл уынаффæ цыдис  ныры онг».

Азербайджайнаг медиа та  фыссы,   цæмæй   фембæлд Евроцæдисы  Советы президенты  Шарль Мишелы  æхсæны бацыдæй  ацæудзæн.

Азербайджаны æмæ Сомихыстоны   лидертæ  фæстагмæ  кæрæдзиимæ фембæлдысты  21 зæрдæвæрæны Брюсселы.