Азербайджаны президент Ильхам Алиев Михеил Хъавелашвилийæн Гуырдзыстоны хæдбардзинады бон арфæ кæны
Азербайджаны республикæйы президент Ильхам Алиев Гуырдзыстоны президент Михеил Хъавелашвилийæн арфæ кæны Гуырдзыстоны хæдбардзинады бон.
Йæ арфæйы фыстæджы Азербайджаны Республикæйы Президент мысы Гуырдзыстонмæ йæ визит æмæ ма банысан кæны, цæмæй политикон ахастыты интенсивондзинад æмæ уæлдæр æмвæзадыл активон диалогы уæвынад æвæрццаг уавæртæ аразынц æппæт фадгуыты æмгуыстад ноджы фæарфдæр кæнынæн.
«Зынаргъ Президент,
Гуырдзыстоны националон бæрæгбон – Хæдбардзинады боны цытæн зæрдиагæй арфæ кæнын сымахæн æмæ хæларадон гуырдзиаг адæмæн мæхи номæй æмæ азербайджайнаг адæмы номæй.
Азербайджан æмæ Гуырдзыстоны æхсæн хæларадон ахастыты бæрзонд æмвæзад уавæргонд у, нæ сыхаг адæмтæ æнусты дæргъы кæрæдзимæ цы хорз фæндон, кад æмæ æууæнк равдыстой, уымæй. Райгонд дæн æхсæнпаддзахадон ахастыты ныртæккæйы динамикон æмæ алывæрсыг рæзтæй.
Стыр аргъ кæнын ивгъуыд мæйы уæ хæларадон бæстæмæ цы паддзахадон балцы фæстиуджытæ сарæзтон, уыдонæн, стæй мын мæ балцы рæстæджы цы уазæгуарзондзинад æмæ зæрдиаг хæлардзинад равдыстой, уымæн. Хъарм æнкъарæнтимæ æрымысын нæ пайдайаг фембæлд æмæ хъуыдыты кæрæдзийæн, кæцы ацыд кæрæдзийы æмбарынады æмæ æнæзæрдæхудт уавæры.
Нæ политикон ахастыты интенсивондзинад æмæ уæлдæр æмвæзадыл активон диалогы уæвынад æвзæрын кæнынц æмбæлон уавæртæ нæ æмгуыстады дарддæры рæзтæн æппæт фадгуыты дæр. «Уырны мæ, цæмæй нæ бæстæты интерестæн, нæ нациты хæрзиуæгæн æмæ нæ регионы дидинæфтыдæн, Азербайджан æмæ Гуырдзыстоны æхсæн стратегион партнердзинад, кæцы фидар бындур æмæ хорз традицитыл бындуриуæг кæны фидæны иумæйаг тыхархайдæй ноджы тынгдæр æмæ уæрæхдæр уыдзæн.
Ацы нысаниуæгджын бон уын мæ зæрдæ зæгъы æнæниздзинад, амонд æмæ æнтыстытæ уæ архайдтыты, хæларадон æмæ æфсымæрон гуырдзиаг адæмæн та мæ зæрдæ зæгъы бирæазон сабырад æмæ дидинæфтыд», -ис фыст арфæйы фыстæджы.