Никол Пашинян Ираклий Къобахидзейæн арфæ кæны Гуырдзыстоны хæдбардзинады бон
Никол Пашинян Ираклий Къобахидзейæн арфæ кæны Гуырдзыстоны хæдбардзинады бон

Сомихыстоны премьер-министр Никол Пашинян арфæ кæны премьер-министр Ираклий Къобахидзейæн Гуырдзыстоны хæдбардзинады боны цытæн.

Арфæйы хъусынгæнинаджы куыд банысан кодтой, афтæмæй Гуырдзыстонимæ æфсымæрон ахастытæ дарддæр сфидар кæнын у Сомихыстоны хицауады æддагон политикæйы сæйраг нысæнттæй иу.

«Сомихыстоны Хицауады номæй æмæ мæхи номæй зæрдиагæй раарфæ кæнон Гуырдзыстоны националон бæрæгбон, Паддзахадон хæдбардзинад сног кæныны боны цытæн.Гуырдзыстонимæ æфсымæрон ахастытæ дарддæр сфидар кæнын у нæ хицауады æддагон политикæйы сæйраг нысæнттæй иу, кæцыйæн ныридæгæн ис стратегион æмæ практикон партнердзинады характер. сæрмагондæй райгондæй гуырдзиаг делегацийы хайадист, уæ ​​къухдариуæгадæй, Европолитикон цæдисы 8-æм саммиты, кæцы уагъд æрцыд Ереваны. Ноджы уын иу  хатт арфæ кæнын Хæдбардзинады боны фæдыл æмæ уын уæ куыст  фæстиуæгджын куыд уа  æмæ  уæ  бæстæйы  та  сабырад æмæ фарн, уыцы  арфæтæ уын зæгъы  мæ зæрдæ – дзырдæуы Никол Пашиняны арфæйы фыстæджы .