Гиорги Гахариа – сидын алкæмæ, кæд иудзинад нæ бон нæу, уæд ма баззайгæ рæстæджы ныхъхъус уæм, цæмæй  кæрæдзи æфхæргæйæ æмæ аххосджынгæнгæйæ ма разнаггад кæнæм Евроинтеграцийы процессæн
Гиорги Гахариа – сидын алкæмæ, кæд иудзинад нæ бон нæу, уæд ма баззайгæ рæстæджы ныхъхъус уæм, цæмæй кæрæдзи æфхæргæйæ æмæ аххосджынгæнгæйæ ма разнаггад кæнæм Евроинтеграцийы процессæн

Уæлахиздзинад æмæ саст дæр алкæй  у,  бæрн та æвæрд цæуы хицауадыл – уый фæдыл  парти «Гуырдзыстоны тыххæй»-ы  сæрдар Гиорги Гахариа   абоны брифингыл   райхъусын кодта.

Гиорги Гахариайы  дзырдæй,   Гуырдзыстонмæ  абон ис  историон  шанс,  нысаниуæгджын къахдзæфтæ сараза  евроинтегарцийы  фæндагыл  æмæ райса  Евроцæдисы уæнгтæм кандидаты  статус.

«Ахæм фадаты  сæвзæрдмæ нæ бæстæ  æнхъæлмæ кæсы   хæдбарад ногæй  сфидар кæныны бонæй æмæ  ацы шанс дзæгъæл ауадзын æнæныббаргæ уыдзæн.  Нæкæсгæ уымæ, цахæм у  абон Гуырдзыстоны хицауад,  цахæм у оппозици,  нæкæсгæ уымæ, чи цы мотивæй архайы,   разнаггад кæна евроинтеграцийы процессæн, Гуырдзыстон æмæ  гуырдзыйаг адæм аккаг сты  Европаг  бинонты æххæстаргъджын укæнгсуæвын, уымæн æмæ  европаг  æвзæрсты нæ  бæстæ  уæззау  аргъ  æнæ иу хатт бафыста» –  райхъусын кодта Гахариа.

Гиорги Гахариайы дзырдæй,  зæгъгæ хицауад æмæ  оппозии дæр дзæбæх хъуамæ æмбарæт,  цæмæй æнтыстджын гуырдзыйаг паддзахады арæзты  фадаты къухæй ауадзын, ничи никæй  æфсон нæ фкæндзæни.

«Хъуыддаг  национ фарстамæ  куы æххæссы –  уæд иумæ  лæууын сахуыр уæм.  Æрмæст иудзинады фæрцы ис гæнæн, бахъахъхъæнæм нæ хъæбулты фидæн.  Кæд ацы  иудзинад нæ бон нæу, уæд ма баззайгæ рæстæджы  уæддæр ныхъхъус уæм, цæмæй  кæрæдзи æфхæргæйæ  æмæ  аххосджынгæнгæйæ  ма  разнаггад кæнæм процессæн, кæцыйы фæудмæ ма  цыппар къуыри бæрц баззад.

Саст дæр æмæ уæлахиздзинадмæ дæр алчи иумæ æрцæуы,  бæрнон та  у  хицауад.  Кандидаты  статусы нæрайст  уыдзæн  мах  алкæй  саст  æмæ  хицауады бæрн.  Статус райсынæй  æрцæугæ уæлахиздззинад та, цæй зæгъын æй хъæуы, фыццаджы дæр  – уыцы хъайтарты сæрмагонд,  чидæриддæр Гуырдзыстоны хæдбарады  тыххæй сæ  цард   снывонд кодтой» –  райхъусын кодта Гиорги Гахариа.