Брюсселы абон Евроцæдисы лидерты саммит ацæудзæн
Брюсселы абон Евроцæдисы лидерты саммит ацæудзæн

 

Брюсселы  абон  Евроцæдисы  лидерты  саммит ацæудзæн.

Дыууæбонон  саммиты фæлгæтты  лидертæ  Европæйы  хъахъхъæнынады  стынг  кæныныл  фæныхас кæндзысты.  Сæйраг темæ  та Украинайы цæугæ хæст уыдзæн.

Европаг  Советы  пресс-релизы  куыд   у  банысангонд, ныхас афтæдæр уыдзæн   уавæрыл  Æввахс Скæсæны,  миграцийы æмæ хъæууон хæдзарады  секторы  уæвæг  проблемæтыл.

«Евроцæдис адарддæр кæндзæн Украинайæн политикон, финансон, экономикон, гуманитарон æфсæддон  æмæ  дипломатон фарсдарын  уый йас рæстæг,  цасдæр  уыдзæн хъæугæ. Ацы рæстæгмæ Евроцæдис æмæ йæ  уæнг бæстæтæ,  138 миллиард  Евройы бæрц  баххуыс  кодтой  Украинайæн» – дзырдæуы  Европаг Советы  пресс-релизы.

Бæрæг куыд у афтæмæй,   саммитыл  афтæдæр  æркæсдысты  Евроцæдисы  ауæрæхы  политикæ,  конкретонæй  та   ныхас уыдзæн   Украинæ, Молдовæ æмæ Босни-Герцоговинæйыл.