Брюсселы Евроцæдис-Гуырдзыстоны  парламентон ассоциацидзинады комитеты рабадт ацæудзæн
Брюсселы Евроцæдис-Гуырдзыстоны парламентон ассоциацидзинады комитеты рабадт ацæудзæн

Брюсселы, европарламенты, Евроцæдис-Гуырдзыстоны парламентон ассоциацидзинады  комитеты  (PAC)  12-æм  рабадт, сæрдæртты, Мака Бочъоришвилийы æмæ Марина  Кальюранды   къухдариуæгæй ацæудзæн. Информаци  Гуырдзыстоны парламенты пресскуыст хуъсын кæны.

Афтæма сæ хъусинагæй,  рабадты Гуырдзыстоны  парламенты æмæ европарламенты  иудадзыгархайæг делегацитæ, афтæма Гуырдзыстоны æххæстгæнæг  структурæты минæвæрттæ  райсдзысты хайад.

Комитеты рабадты фæлгæтты  æркæсдзысты  Гуырдзыстоны æмæ Евроцæдисы  æхсæн  æмгуыстады  бонвæтк, Еврокомиссийы  æрвыст 12   рекомендацийы  сыххæсты прогресс, Гуырдзыстон-Евроцæдисы  ассоциацидзинады  фæдыл  бадзырды, уый нымæцы   арф æмæ æппæтылæххæссæг   уæгъдибар базарадон тыгъдады фæдыл бадзырды  сыххæсты цыд. Афтæма  фæуаффæ кæндзысты   Уæрæсейы  æрдгæй  оккупацигонд Гуырдзыстоны  территоритыл уæвæг уавæрыл æмæ конфликты сабырæй  алыгы  æрдæм  уагъд тыхархайдыл.